Дӕ къухы ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгондӕй сты Библийы фыццаг хайы, Рагон Фӕдзӕхсты, фыццаг дыууӕ чиныджы – Райдиан ӕмӕ Рацыд. Уыцы чингуытӕ Ног Фӕдзӕхстимӕ хаст ӕрцыдысты Библимӕ. Рагон Фӕдзӕхст нын ӕвдисы дӕргъвӕтин рӕстӕг – дуне сфӕлдисынӕй дунемӕ Йесо
Чырыстийы ӕрцыды онг. Фӕлӕ йӕ темӕ иу у – Хуыцау дзуттаг адӕмимӕ цы
фидыд сарӕзта, уый. Уыцы фидыд ӕвдисы Хуыцауы уарзт адӕймагмӕ.
Рагон Фӕдзӕхсты сӕрӕй лӕууынц
Моисейы фондз чиныджы. Уыцы фондз чиныджы дзырд райдайы дуне сфӕлдисыны цауӕй ӕмӕ фӕвӕййы, дзуттӕгтӕ, Хуыцау семӕ цы сӕрмагонд бадзырд сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕвӕрд зӕххыл куыд ӕрцӕрынц, уымӕй. Фондз чиныджы цаутӕн сӕ фылдӕр хай баст у
пехуымпар Моисейы номимӕ. Дзуттаг адӕмӕн Моисей дзӕвгар рӕстӕг уыди сӕ раздзог, ӕмӕ йӕ фӕрцы Хуыцау ныхас кодта семӕ. Уымӕ гӕсгӕ ма Библийы фыццаг фондз чиныджы арӕх фӕхонынц уый номӕй дӕр – «Моисейы фондз чиныджы», зӕгъгӕ.
Моисейы фыццаг чиныг Райдиан райдыдта дуне сфӕлдисынӕй ӕмӕ ӕвдисы дунейы историйы фыццаг къахдзӕфтӕ. Дарддӕр дзы ныхас цӕуы,
Авраам бындур кӕмӕн ӕрӕвӕрдта, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрст адӕмыл – дзуттӕгтыл. Авраамӕй рацыдысты хӕстӕгскӕсӕйнаг адӕмтӕй бирӕтӕ, уыдонимӕ дзуттаг адӕм дӕр. Дзуттӕгтӕ цалдӕр ӕнусы Мысыры куыд цардысты, стӕй
фараоны ӕфсондзӕй куыд фервӕзтысты, ууыл дзурӕг у Моисейы дыккаг чиныг Рацыд. Чиныгӕн йӕ сӕйраг мидис у, Хоривы хохы цур Хуыцау
Израилимӕ (дзуттаг адӕмимӕ) кӕй сарӕзта, уыцы фидыд. Рацыды дыккаг хай чиныгкӕсӕджы зонгӕ кӕны дзуттаг адӕмы дин ӕмӕ царды ӕгъдӕуттимӕ. Уыцы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цӕрын дзуттаг адӕмӕн Хуыцау бафӕдзӕхста, семӕ фидыд куы сарӕзта, уӕд. Уыцы уагӕвӕрдтӕй бирӕтӕ махмӕ абон фӕкӕсдзысты зӕронд, цыма нӕ абоны цардмӕ ницы бар дарынц, афтӕ. Фӕлӕ уыдон, уӕлдайдӕр та Дӕс фӕдзӕхсты, ӕмхуызон ӕмбӕрстгонд сты кӕцыфӕнды дуджы цӕрӕг адӕймагӕн дӕр. Куыд ахсджиаг сты, уый тыххӕй Евангелиты Йесо Чырысти иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта.
Адам, Ной, Авраам,
Исаак,
Иаков, Иосиф, Моисей – Райдианы ӕмӕ Рацыды сӕйраг архайджытӕ – стыр бынат ӕрцахстой дунеон культурӕйы уацмысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хорз зонынц, Библи ӕппындӕр чи никуы бакасти, суанг ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ цас хуыздӕр уаид, чиныгкӕсӕг сыл «лӕгӕйлӕгмӕ» Библийы фӕрстыл куы фембӕлид, уӕд!
Райдиан ӕмӕ Рацыд, ӕппӕт Рагон Фӕдзӕхстау, фыццаг уыдысты дзуттаг ӕвзагыл фыст. Ирон ӕвзагмӕ дӕр тӕлмацгонд ӕрцыдысты уыцы ӕвзагӕй. Фӕлӕ тӕлмацыл куыст ууыл нӕ ахицӕн уыдзӕн. Мах нӕ зӕрдӕ дарӕм, Рагон Фӕдзӕхст ӕнӕхъӕнӕй ирон ӕвзагыл кӕй фӕзындзӕн, ууыл – ныридӕгӕн ыл кусынц тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ зонадон организацитӕ. Ныртӕккӕ та Ног Фӕдзӕхст ирон литературон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй рауагъта Библи тӕлмацгӕнӕг институт.
Библи тӕлмацгӕнӕг институт зӕрдиагӕй арфӕ кӕны, Райдиан ӕмӕ Рацыд ирон ӕвзагмӕ раивыныл чи куыста, мыхуырмӕ сӕ чи бацӕттӕ кодта, уыдонӕн. Тынг ӕхсызгон нын у, абон ирон адӕмӕн Хуыцауы Ныхас сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсыны фадат кӕй ис, уый.
Библи тӕлмацгӕнӕг институт